19 Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.
цӕмӕй, цы ахуырадыл ӕрлӕууыдтӕ, уымӕн йӕ фидар бындур зонай.
Бузныг дӕн мӕ Хуыцауӕй: ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕз уе ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр дзурын.
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый ӕрмӕст йӕхи фидар кӕны, пехуымпариуӕггӕнӕг та — аргъуан.