17 Ды хорз арфӕ кӕныс, фӕлӕ дзы иннӕйы уырнындзинад нӕ фидар кӕны.
Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.
Бузныг дӕн мӕ Хуыцауӕй: ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕз уе ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр дзурын.
Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый ӕрмӕст йӕхи фидар кӕны, пехуымпариуӕггӕнӕг та — аргъуан.
Мӕ зӕрдӕ уе ’ппӕтӕн дӕр зӕгъы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, ноджы тынгдӕр та — пехуымпариуӕг кӕнын. Ӕвзӕгтыл дзурӕг аргъуан сфидар кӕныны сӕраппонд йӕ ныхас куынӕ ӕмбарын кӕна, уӕд пехуымпариуӕггӕнӕг ӕвзӕгтыл дзурӕгӕй уӕлдӕр у.
Ныр уӕм ӕрцыдтӕн, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, зӕгъгӕ, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты — зонынад, пехуымпарад кӕнӕ ахуырад куы не ’рхӕссон, уӕд?