Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 14:15
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ризӕг сыл бахӕцыди, скатай сты арӕг сылгоймагау,


Ныр цы чындӕуа? Адӕм ӕнӕмӕнг [ӕрӕмбырд уыдзысты, уымӕн ӕмӕ] фехъусдзысты де ’рцыды кой.


Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр


Кӕд нӕ зылындзинад ноджы ирддӕр ӕвдисы Хуыцауы рӕстдзинад, уӕд та? Уӕд, мыййаг, Хуыцау кӕд раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар ныл куы ныккала, уӕд? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


Ӕз цы зӕгъын уымӕй? Мӕнгхуыцау исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцауӕн ӕрхаст нывонд исты у?


Уымӕн ӕмӕ, ӕз ӕнӕзонгӕ ӕвзагыл куы кувон, уӕд мӕ уд кувдзӕн, мӕ зондӕн та дзы пайда нӕ уыдзӕн.


Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.


Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.


Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.


Ӕмӕ цы? Чырыстийы тыххӕй куыдфӕнды ма дзурӕд, — былалгъӕй кӕнӕ зӕрдиагӕй, — уӕддӕр райын. Ӕмӕ райдзынӕн,


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Амондджын уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕй ӕппӕлӕн зарджытӕ.


Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ