Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 14:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Афтӕ уӕд сымах дӕр: кӕд Уды курдиӕттӕм бӕллут, уӕд архайут, цӕмӕй уӕм бирӕ уа, аргъуан сфидар кӕнынӕн ахъаз чи у, ахӕм курдиӕттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 14:12
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.


Тырнут уӕлдӕр курдиӕттӕм. Ӕз уын бацамондзынӕн тӕккӕ хуыздӕр фӕндаг.


Алкӕй удыхъӕды дӕр Сыгъдӕг Уд Йӕхи ӕвдисы сӕрмагонд хуызы, фӕлӕ — иумӕйаг хъуыддаджы пайдайӕн.


Тырнут уарзӕгойӕ цӕрынмӕ, ӕнувыдӕй архайут, Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ райсыныл, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕныныл.


Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый кувӕд, цы дзуры, уый ӕмбарын кӕныны курдиат райсыны тыххӕй.


Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.


Мӕ зӕрдӕ уе ’ппӕтӕн дӕр зӕгъы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, ноджы тынгдӕр та — пехуымпариуӕг кӕнын. Ӕвзӕгтыл дзурӕг аргъуан сфидар кӕныны сӕраппонд йӕ ныхас куынӕ ӕмбарын кӕна, уӕд пехуымпариуӕггӕнӕг ӕвзӕгтыл дзурӕгӕй уӕлдӕр у.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ