Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 13:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уымӕн ӕмӕ нӕ зонынад ӕххӕст нӕу ӕмӕ нӕ пехуымпарад ӕххӕст нӕу.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 13:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.


Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»


Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыди? Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы? Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта? Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном? Зоныс ӕй ды?


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.


«Дунедарӕджы зонд чи базыдта? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг?


Алцӕмӕй дӕр ӕххӕсты дуг куы ралӕууа, уӕд, ӕххӕст цы нӕу, уый нал уыдзӕн.


Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.


Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».


Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.


Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ