3 Ӕз ме ’ппӕт мулк дӕр куы байуарон, мӕ буар судзынмӕ куы раттон, уарзт та мӕм куынӕ уа, — уӕд мын уыдӕттӕй ницы пайда ис.
Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.
Сайӕн ныхӕстыл уӕ зӕрдӕ дарут, фӕлӕ уын уыдон ницы пайда ӕрхӕсдзысты.
Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕй сын зӕххон кад зынаргъдӕр уыди.
Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ мын ис ныр Дӕ фӕдыл ацӕуӕн? Ӕз мӕ цард дӕр ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».
Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.
Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
Ма уӕм цытуарзаг, кӕрӕдзийы ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.
Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.
Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.