13 Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.
Стыр у Дунедарӕг, ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс, ӕгӕрон у Йӕ зонд.
О Хуыцау, Ды — мӕ паддзах! Фервӕзын кӕн Йаковы фӕдонты!
Уый Йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Ноджы ма: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“».
Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».
Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.
Тырнут уарзӕгойӕ цӕрынмӕ, ӕнувыдӕй архайут, Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ райсыныл, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕныныл.
Уӕ алы хъуыддаг дӕр уарзондзинадимӕ аразут.
Йӕ арӕзт хъуыддаг кӕмӕн нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг,
Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не ’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.
Фӕлӕ Хуыцауы, чи Йӕ уарзы, уыцы адӕймаджы зоны.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Чырысти амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас ис, Уымӕн.
Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.
Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад,
Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.
Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.
Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад — уый алцыдӕр бӕтты кӕрӕдзиуыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр скӕны ӕххӕст.
нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.
Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.
Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.
Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.
Уӕдӕ уӕ зӕрдӕдарӕн ма ныууадзут ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг.
Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ чи бабын вӕййы, уыдонӕй не стӕм: мах ӕууӕндӕм ӕмӕ ирвӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.
Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.
Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ,
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.
Йе ’фсымӕры чи уарзы, уый рухсы цӕры, ницӕуылуал фӕкӕлы.
Ныффыстон уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.
Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр.
Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.
Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.