8 Иуӕн уд йӕ ныхасы бавӕры уӕлзонд, иннӕмӕн — зонынад,
Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.
Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!
Ды фервӕзын кӕныс паддзӕхты, Дӕ цагъар Давиды бахизыс мӕлӕтхӕссӕг кардӕй.
Схайджын ӕй кодтон Хуыцауы Удӕй — скодтон ӕй куырыхон, радтон ын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы куыстмӕ дӕсныдзинад.
Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,
Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме ’фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг ӕмӕ зонынадӕй ӕххӕст кӕй стут ӕмӕ уӕ бон кӕй у кӕрӕдзийы ахуыр кӕнын.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уымӕн ӕмӕ Йесоимӕ баиуы руаджы сымах схъӕздыг стут дзырд ӕмӕ зонынады алы хӕзнатӕй.
Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас кӕныны курдиат, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхтӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, — уӕд ӕз ницы дӕн.
Уарзтӕн кӕрон никуы уыдзӕни, пехуымпарад та банцайдзӕн, алыхуызон ӕвзӕгты курдиат нал уыдзӕни, зонынадӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон.
Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.
Ныр уӕм ӕрцыдтӕн, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, зӕгъгӕ, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты — зонынад, пехуымпарад кӕнӕ ахуырад куы не ’рхӕссон, уӕд?
Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.
Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонынадӕй та ӕнӕхай нӕ дӕн — уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр.
Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн — сыгъдӕгдзинад ӕмӕ зонынад, фидардзинад ӕмӕ зӕрдӕйы хорз, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ ӕнӕхин уарзт,
Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут — ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй.