7 Алкӕй удыхъӕды дӕр Сыгъдӕг Уд Йӕхи ӕвдисы сӕрмагонд хуызы, фӕлӕ — иумӕйаг хъуыддаджы пайдайӕн.
Се скӕнын сын, ахӕм дӕсныйад кӕмӕн радтон, уыцы арӕхстджынтӕн бафӕдзӕхс, ӕмӕ Мын Аароны сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн.
Буар иу у, йӕ уӕнгтӕ та — бирӕ. Фӕлӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр иу буар сты. Афтӕ у Чырысти дӕр.
Афтӕ уӕд сымах дӕр: кӕд Уды курдиӕттӕм бӕллут, уӕд архайут, цӕмӕй уӕм бирӕ уа, аргъуан сфидар кӕнынӕн ахъаз чи у, ахӕм курдиӕттӕ.
Ды хорз арфӕ кӕныс, фӕлӕ дзы иннӕйы уырнындзинад нӕ фидар кӕны.
Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.
Мӕ зӕрдӕ уе ’ппӕтӕн дӕр зӕгъы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, ноджы тынгдӕр та — пехуымпариуӕг кӕнын. Ӕвзӕгтыл дзурӕг аргъуан сфидар кӕныны сӕраппонд йӕ ныхас куынӕ ӕмбарын кӕна, уӕд пехуымпариуӕггӕнӕг ӕвзӕгтыл дзурӕгӕй уӕлдӕр у.