26 Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.
Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.
Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд.
Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.
ӕмӕ буары уӕнгтӕ ма ныххицӕнтӕ уой, фӕлӕ кӕрӕдзиуыл мӕт кӕной ӕмхуызон.
Сымах Чырыстийы буар стут, хицӕнтӕй та — Йӕ буары уӕнгтӕ.
Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.
Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.
Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.