23 Иннӕтӕй нӕм къаддӕр чи кӕсы, нӕ буары уыцы уӕнгтыл фылдӕр мӕт кӕнӕм.
Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕрмын дарӕстӕ.
Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой.
Уый нӕ, фӕлӕ нӕм лӕмӕгъдӕр цы уӕнгтӕ кӕсынц, уыдон ӕнӕмӕнг хъӕуынц.
Аив чи нӕу, нӕ уыцы уӕнгтӕ хуыздӕр ӕмбӕрзӕм; аив уӕнгты та ӕмбӕрзын нӕ хъӕуы. Хуыцау буар афтӕ скодта, цӕмӕй фылдӕр мӕт кӕнӕм, фаг нымад чи нӕу, уыцы уӕнгтыл,
Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,