2 Сымах зонут: муртаттӕгтӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.
Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз.
О Дунедарӕг, ӕз Дӕ цагъар дӕн, Дӕ цагъар, Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул; Ды мӕ суӕгъд кодтай мӕ рӕхыстӕй.
Йӕ адӕмы ахизын кодта ӕдзӕрӕг быдырыл — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.
Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты».
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.
Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,
Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ,
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.