16 Ӕмӕ хъус куы зӕгъид: «Цӕст кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ буары хай нӕ дӕн», уӕд уый тыххӕй буары хай нал уаид?
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Хуыцау мын Йӕ хорзӕх кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алкӕмӕн дӕр Хуыцау уырнындзинад цас радта, уымӕ гӕсгӕ раст аргъ кӕнут уӕхицӕн.
Къах куы зӕгъид: «Къух кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ буары хай нӕ дӕн», уӕд уый тыххӕй буары хай нал уаид?
Кӕд ӕнӕхъӕн буар цӕст у, уӕд хъусгӕ та куыд кӕнид? Кӕд буар ӕнӕхъӕнӕй хъус у, уӕд ӕмбудгӕ та куыд кӕнид?
Уый нӕ, фӕлӕ нӕм лӕмӕгъдӕр цы уӕнгтӕ кӕсынц, уыдон ӕнӕмӕнг хъӕуынц.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.