7 Нӕлгоймаг бӕгъӕмсар хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй кадджын у; сылгоймаджы кад та нӕлгоймагӕй у.
Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс,
Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.
Кӕд сылгоймаг сӕрбӕттӕн нӕ дары, уӕд йӕ сӕр алвынӕд; фӕлӕ сылгоймагмӕ кӕд йӕ сӕр алвынын кӕнӕ адасын худинаг кӕсы, уӕд сӕрбӕттӕн дарӕд.
Тит у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, сымахмӕ цы куыст кӕнӕм, уым. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та сты аргъуанты минӕвӕрттӕ, Чырыстийы кадӕн кусджытӕ.
Дунедарӕгӕн, нӕ Фыдӕн, цы ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм, уыцы ӕвзагӕй ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр.