25 Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Мӕ Тугӕй фидаргонд ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат — Мӕ ӕрымысынӕн нуазут».
Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
Уӕд Моисей райста тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодта адӕмыл. Загъта: «Уый у, Дунедарӕг сымахимӕ Йӕ уагӕвӕрдты бындурыл кӕй сарӕзта, уыцы фидыды туг».
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.
Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.
Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?
арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ загъта: «[Айсут ӕмӕ хӕрут] — уый Мӕ Буар у, ӕмӕ саст цӕуы уӕ сӕраппонд. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».
Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.
Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.
Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау