Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 11:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕгӕй цы базыдтон, ӕз уый сымахӕн дӕр бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Бардарӕг Йесо райста дзул,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 11:23
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»


«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр ануазӕд.


Къуырийы фыццаг бон дзулсастмӕ куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Павел ныхас кодта ахуыргӕнинӕгтимӕ. Дыккаг бон ӕм ацӕуыны фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕ фӕци.


Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?


Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;


Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ фӕллойы тыххӕй уӕ Бардарӕг скӕндзӕни Йӕ бындартӕ — уый уыдзӕни уӕ хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ сымах лӕггад кӕнут Бардарӕг Чырыстийӕн.


Сымах хорз зонут, Бардарӕг Йесойы номӕй уын цы бафӕдзӕхстам, уыдӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ