Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 11:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Хӕдзӕрттӕ уын нӕй, цӕмӕй хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ уым кӕнат? Ӕви Хуыцауы Аргъуан ницӕмӕ дарут? Кӕнӕ уӕм мӕгуыртыл дӕлӕмӕ хӕцын хорз кӕсы? Цы уын загъдӕуа? Ӕппӕлгӕ уӕ ракӕнон? Нӕ, уый тыххӕй уӕ нӕ раппӕлдзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 11:22
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.


Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр бердзенӕгтӕн, нӕдӕр Хуыцауы Аргъуанӕн,


Ныр та уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕй уӕ ӕппӕлгӕ нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уе ’мбырдтӕ пайдайы бӕсты зиан ӕрхӕссынц.


Разы уӕ дӕн, ӕфсымӕртӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕрдыл кӕй лӕууын ӕмӕ уӕм цы ахуырад ӕрхастон, ууыл иууылдӕр фидар кӕй хӕцут, уымӕй.


Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд йӕ хӕдзары бахӕрӕд. Уе ’мбырдтӕ уын хъуамӕ сӕ фӕдыл тӕрхон ма сайой. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, мӕхӕдӕг уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй.


Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.


Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаны хъуыддӕгтӕ куыд кӕндзӕн?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ