21 алчидӕр февналы йе ’хсӕвӕр ахӕрынмӕ, ӕмӕ иу ӕххормагӕй баззайы, иннӕ та ӕфсӕст ӕмӕ расыг вӕййы.
ӕмӕ йын загъта: «Алчи уал раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы бануазынц, уӕд та — ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».
Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Бардарӕджы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы —
Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд йӕ хӕдзары бахӕрӕд. Уе ’мбырдтӕ уын хъуамӕ сӕ фӕдыл тӕрхон ма сайой. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, мӕхӕдӕг уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд.
Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се ’рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъӕгтӕ ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.
Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.