Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 11:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 11:19
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.


Йесо ма Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Ис ӕмӕ кӕддӕриддӕр уыдзӕнис, адӕймаг тӕригъӕды кӕй тыххӕй бацӕуы, ахӕм мондаггӕнӕнтӕ, фӕлӕ сар йӕ сӕр кӕны, тӕригъӕд кӕй аххосӕй ӕрцӕуа, уымӕн.


ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн сӕ сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты. Дӕуӕн дӕхицӕн дӕр цыргъаг дӕ риуы иннӕрдӕм ахиздзӕн».


Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.


Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.


Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.


Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.


Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй — нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты.


Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Бардарӕджы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы —


Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…


мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,


уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн.


Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай ӕмӕ дын дӕ ныхас куынӕ райса, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.


Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ