10 Уымӕ гӕсгӕ хицаудзинады нысанӕн сылгоймаг йӕ сӕрыл хъуамӕ сӕрбӕттӕн дара — зӕдтӕн зонынӕн.
Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин ӕвзист шекелы, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».
Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй!
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Ӕниу ног царды, Бардарӕджы раз, сылгоймагӕн нӕлгоймаг куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у сылгоймаг дӕр нӕлгоймагӕн.
Нӕлгоймаджы не сфӕлдыстӕуыди сылгоймаджы тыххӕй, фӕлӕ сылгоймаджы сфӕлдыстӕуыди нӕлгоймаджы тыххӕй.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?