1 Мӕн бафӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.
Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.
Ӕфсымӕртӕ, курын уӕ, мӕн фӕзмут. Нӕхи уын цыхуызӕнӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕнт фӕзминаг.
Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат мах ӕмӕ Бардарӕг Йесойы. Уӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, Фарны Уац уӕ зӕрдӕтӕм айстат, Сыгъдӕг Уд цы циндзинад ратты, уыимӕ.
Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ хъуамӕ равдисӕм, сымахӕн бафӕзмыны аккаг цӕмӕй стӕм, уый.
Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.