33 Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг, ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕгтӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы уӕд та иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын.
афтӕ мах дӕр, бирӕ адӕм, Чырыстиимӕ иу буар стӕм, хицӕнтӕй та — иу буары алы уӕнгтӕ.
Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.
ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕны, хи пайдамӕ нӕ тырны, нӕу мӕстыгӕр, маст йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы — уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн — сӕ ныййарджытӕ.
Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.
Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.
Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.
Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.