11 Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Уыцы ӕхсӕв дӕр та сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ кӕстӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.
Хуыцауы фидыд кӕй зӕрдыл лӕууы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн сӕ байзӕддаг хайджын уыдзысты Йӕ хорзӕхӕй.
Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.
Цы знаг ӕй байтыдта, уый у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та — зӕдтӕ.
Уӕдӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ арты куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕни, дунейы кӕрон куы ӕрлӕууа, уӕд дӕр:
Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.
Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
Ӕниу, канд Авраамы тыххӕй нӕу фыст, Хуыцау ӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл, зӕгъгӕ,
Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.
Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ усджынтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕхи дарой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ.
Ӕви уый мах тыххӕй загъд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах тыххӕй фыст у; уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хуым ӕмӕ найгӕнӕг най кӕны йӕ хай райсыны ныфсимӕ.
Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы райгуыры цагъартӕ — уый у Агар.
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.
Сабитӕ, рӕстӕджы кӕрон ӕрхӕццӕ! Куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр Чырыстийӕн фӕзынди бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.