Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 10:1
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.


Се ’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи, сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.


О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис.


Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.


уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы.


Пи-Хахиротӕй рацыдысты ӕмӕ денджызы астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахызтысты; ӕртӕ бонцауы фӕцыдысты Етамы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Марайы.


Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой Хуыцаумӕ, сымах та, иудейӕгтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Йерусалимы ис, зӕгъгӕ».


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.


Хуыцау ӕрдзон къалиутыл кӕм нӕ бацауӕрста, уым дӕуыл бацауӕрддзӕн?


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Мӕн фӕнды, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕтты тыххӕй.


Уыдӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уымӕн йӕхи дӕр ницӕмӕ дардӕуы.


Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.


Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“.


Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ развӕндагыл Иорданы дон байсысын кодта, цалынмӕ йыл ахызтыстут, уӕдмӕ. Раст афтӕ бакодта амӕй размӕ Сырх денджызӕн дӕр: цалынмӕ йыл ахызтыстӕм, уӕдмӕ йӕ нӕ развӕндагыл байсысын кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ