Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Чырысти мӕн аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ — куырыхон ӕмӕ вазыгджын ӕвзагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй, цӕмӕй Чырыстийы дзуарӕн йӕ нысаниуӕг ма фесӕфа.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 1:17
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Иоаннӕй фылдӕр аргъауы, зӕгъгӕ, уыцы хабар фарисейтӕм кӕй бахӕццӕ ис, Йесо уый куы базыдта —


уӕвгӕ, Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, —


Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ, цӕмӕй ма сӕм иу цалдӕр боны бафӕстиат уа.


Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад хъусын кӕнынмӕ, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ уӕ цӕсты мӕхи зондджынӕй равдисыныл нӕ архайдтон.


Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы цӕуы, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн.


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та — лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады».


Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонынадӕй та ӕнӕхай нӕ дӕн — уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр.


Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, сӕ худинаггагмӕ гӕсгӕ кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы Дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.


Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе ’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ