13 Ау, Чырысти дихтӕ ныцци? Ӕви уӕ сӕраппонд Павел, мыййаг, ӕрцыди дзуарылтыгъд? Кӕнӕ донаргъуыд, мыййаг, Павелы номыл райстат?
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй.
ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ, цӕмӕй ма сӕм иу цалдӕр боны бафӕстиат уа.
Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Бардарӕг Йесойы номыл.
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.
Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын — ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Бардарӕг Йесойы номыл.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.
Афтӕ никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ мӕ номыл ӕрцыдыстут аргъуыд.
Уыдонӕн се ’ппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы.
Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын Кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм мон ӕмӕ тынг хорз фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм Фарны Уацмӕ.
Уый ӕндӕр Фарны Уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы Фарны Уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ.
Иу у Бардарӕг, иу — уырнындзинад, иу — аргъуыд;
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.