11 Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме ’фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй рауайы, уый.
Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ фӕсидти йӕ кӕстӕр фырт Йаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы,
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Ӕдылыйы ’взаг загъд къахы, йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн».
Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуӕрдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.
уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын монцты дӕлбар стут. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут, хъаугъамӕ гӕппӕввонгӕй лӕуут, уӕд уый исты, уӕ буары тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар кӕй стут ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕг адӕмы цардӕй кӕй цӕрут, уый нӕ нысан кӕны?
Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…
Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.
мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,
Ма уӕм цытуарзаг, кӕрӕдзийы ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм.
Ӕппӕт дӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ гуырысхойӕ,
уый йӕхицӕй хъал у, афтӕмӕй та ницы зоны, ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕу ныхас кӕныны низ ыл бахӕцыд. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ,
Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз — дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты.