Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Коринфӕгтӕм 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Коринфӕгтӕм 1:10
44 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут, Йе ’ппӕт цагъартӕ, ӕхсӕвыгӕтты Дунедарӕджы хӕдзары лӕггад чи кӕны, уыдон!


Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.


Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕзӕрд хъуымац нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.


Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры: лӕзӕрд хъуымац ӕй нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.


Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;


Ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр та иудейӕгтӕм иу хъуыды нал уыд.


Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иу, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, Мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый.


Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд.


Уӕд фарисейтӕй иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон куыд у ахӕм диссӕгтӕ аразын?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.


Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд уыдысты. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын иумӕйаг уыди.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Схъӕл ма ут; сӕрныллӕгӕй чи цӕры, уыдоны дӕр уӕ сӕрмӕ хӕссут. Уӕхи цӕсты ӕгӕр бӕрзонд ма ут.


Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хатырӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты хатырӕй курын сымахӕй: зӕрдиагӕй мын кувут Хуыцаумӕ,


Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.


Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме ’фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй рауайы, уый.


Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуӕрдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.


ӕмӕ буары уӕнгтӕ ма ныххицӕнтӕ уой, фӕлӕ кӕрӕдзиуыл мӕт кӕной ӕмхуызон.


уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын монцты дӕлбар стут. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут, хъаугъамӕ гӕппӕввонгӕй лӕуут, уӕд уый исты, уӕ буары тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар кӕй стут ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕг адӕмы цардӕй кӕй цӕрут, уый нӕ нысан кӕны?


Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.


Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.


Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.


Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та — тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм.


Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.


Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.


Лӕгъстӕ уын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут мӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр сымах хуызӕн адӕймаг дӕн. Сымах мӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстут.


Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл


Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ.


Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.


Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй,


Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.


Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:


Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой:


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ