17 Алы галиу хъуыддаг дӕр тӕригъӕды бафтын у, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд дӕр.
Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт.
Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау.
Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.