Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Иоанн 5:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Иоанн 5:16
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.


Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».


Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы адӕмы фарны сӕраппонд Мӕм ма кув.


Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.


Агуырдтон сӕм ахӕм лӕджы, сахары быру кӕм ракӕлы, уым а бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ чи самайа, цӕмӕй йӕ Ӕз ма бабын кӕнон, фӕлӕ не ссардтон.


Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»


Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Адӕймаджы Фырты чи рафауа, уымӕн уыдзӕни хатыр, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн.


Ӕз дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Ды Мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ Дӕу сты.


Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.


Алы галиу хъуыддаг дӕр тӕригъӕды бафтын у, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд дӕр.


Адӕм Самуелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Дӕ цагъарты тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув, ӕмӕ ма амӕлӕм. Уымӕн ӕмӕ ма не ’ппӕт тӕригъӕдтӕм ноджы иу фыдракӕнд бафтыдтам, нӕхицӕн паддзах куы ракуырдтам, уӕд».


Адӕймаг адӕймаджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд ын, чи зоны, ӕмӕ Хуыцау ныххатыр кӕна, фӕлӕ адӕймаг Дунедарӕджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд та йын чи ныххатыр кӕндзӕн?» Фӕлӕ фырттӕ сӕ фыды уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ралгъыста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ