11 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд Хуыцау мах афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзийы.
Уый дзуапп радта: «Чи йын батӕригъӕд кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.
Мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт уӕвын, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой ӕмӕ алы ӕндӕр фыдӕх — ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзут.
Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕз уӕм цавӕрдӕр ног фӕдзӕхсты тыххӕй нӕ фыссын. Ӕз уӕм цы фӕдзӕхсты тыххӕй фыссын, уый рагон у — сымах ӕй зонут тӕккӕ райдианӕй. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас.
Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.
Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.
Ӕмӕ ныр, ӕхсин, дӕуӕй курын — дӕумӕ ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ нӕм райдианӕй чи ис, уыцы фӕдзӕхст: уарзӕм кӕрӕдзийы.