22 Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.
Уӕд цин кӕндзынӕ Ӕппӕтхъомысыл, дӕ каст ӕдзухдӕр уыдзӕни Хуыцаумӕ.
Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон. Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.
Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ куывды цы курат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй райсдзыстут.
Ӕмӕ, Мӕ ном ссаргӕйӕ, цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыды кад раргом уа.
Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.
Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.
Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын — уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».
Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».
Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.
Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.
Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.
Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,
сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый.
Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.