28 Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.
Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»
Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.
Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон.
Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы.
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».
Афтӕ уыдзӕни, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».
Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут.
алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд та — йӕхионтӕ.
Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын.
Уӕ цард — Чырысти — куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ кад дӕр.
Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй, нӕ Бардарӕг Йесо куы ’рцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.
цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. Аммен.
Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.
ӕппӕт амындтытӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ.
Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.
Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.
афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.
Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ’рцӕуа, уӕд райсдзыстут кады ӕнусон хӕрзиуӕг.
Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.
Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.
Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.