13 Фыссын уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.
ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чындздзон чызджытӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ.
Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой, уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты,
Лӕппуйы кад — йӕ хъару, зӕронд лӕг та йӕ урс сӕрӕй фидауы.
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ.
О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау.
Хуым у дуне, хорз мыггаг — Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та — хӕйрӕджы байзӕддаг.
Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ «о» уа, уӕ «нӕ» та — «нӕ»; уымӕй уӕлдай цы ис, уый та хӕйрӕгӕй у.
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».
Сымах Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат. Ӕмӕ Йӕ нырӕй фӕстӕмӕ зонгӕ дӕр кӕнут ӕмӕ Йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат».
Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“?
Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.
Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».
Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау;
Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.
Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.
Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
Фыссын уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ уын хатыргонд сты уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы.
Ныффыстон уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.
Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.
Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.