6 Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.
Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».
Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд йе знаг ӕрбацыд, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди.
Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.
Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].
Сиахсаг афӕстиат ис, ӕмӕ чызджыты хуыссӕг ӕрцахста, се ’ппӕт дӕр бафынӕй сты.
Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут».
Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!»
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Сымах ӕй уӕхӕдӕг зонут: хуыснӕг кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.
Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».
Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.
Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.
Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.
Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.
Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.
Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.
Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,
Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,
Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.
ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.
Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.
Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.
«Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».
Райхъал у ӕмӕ дӕм сӕфты къахыл цы лӕууы, уый сфидар кӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый.