Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Фессалоникӕгтӕм 5:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Фессалоникӕгтӕм 5:22
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.


Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.


Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.


Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.


Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.


Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.


Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут.


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.


иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.


Боазы дӕлфӕдтӕм фӕхуыссыди бонивайӕнтӕм Руф ӕмӕ, адӕймаджы цӕсгом базонӕн нӕма уыд, афтӕ сӕударӕй сыстад, уымӕн ӕмӕ Боаз ахъуыды кодта: «Ацы сылгоймаг мусмӕ ӕрбацыд, уый мачи базонӕд».


Кӕм хуысдзӕни, уыцы бынат базон; бацу, дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕц ӕмӕ уым ӕрхуысс. Йӕхӕдӕг дын зӕгъдзӕни, цы гӕнгӕ у, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ