21 Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.
Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз, хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.
Куыддӕр сӕ цурӕй ацыдтӕн, афтӕ дын мӕ уарзоны куы ссарин! Ныххӕцыдтӕн ыл, нал ӕй суӕгъд кодтон, цалынмӕ йӕ не ’рбакодтон мӕ мады хӕдзармӕ, мӕ ныййарӕг мады уатмӕ.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Раст цы у, уый уӕхӕдӕг цӕуылнӕ зонут?
Ут Мемӕ, ӕмӕ уӕд Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Сӕнӕфсиры талайыл къалиу куынӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куынӕ уат, уӕд.
Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут
Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.
Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.
Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.
Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.
Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл,
цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,
Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ.
Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.
Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл.
Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.
Уыдоны хуызӕттӕ баирвӕзынц хӕдзӕрттӕм ӕмӕ сӕ уацары бакӕнынц, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн сбирӕ сты, йӕ монцты дӕлбар чи у, абон йӕ зӕрдӕ иу кӕмӕн домы, райсом — иннӕ, уыцы ӕнӕсӕрфат сылгоймӕгты,
Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Фидар хӕцӕм, ныфс нын цы уырнындзинад дӕтты, ууыл, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕбавӕрӕг Йӕ ныхас нӕ ивы.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.
Ӕрмӕст Ме ’рцыдмӕ иузӕрдион ут, цы уӕм ис, ууыл.
Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.
Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.