19 Сыгъдӕг Уды рухс ма мынӕг кӕнут.
Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».
Се ’ргом Дӕм раздахдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Ды уыдонӕн бирӕ азты фӕбарстай. Фӕдзӕхстай сӕ Дӕ Уды фӕрцы — Дӕ пехуымпарты уылты, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ Ды ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм радтай.
О Хуыцау, стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл — иузӕрдион Дыл чи у, уыдонӕн уый фарн хӕссы.
Уарзондзинад денджызы бын дӕр нӕ ахуысдзӕн, цӕугӕдӕтты бын нӕ фӕдӕлдон уыдзӕн. Йӕ хӕдзары ӕппӕт хӕзнатӕ уарзондзинадыл чи ива, ууыл ӕрмӕст фӕхуддзысты.
Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Фӕлӕ чи бады ӕмӕ хъусы, уыдонӕй искӕмӕн Хуыцауӕй исты куы раргом уа, уӕд, дзургӕ чи кӕны, уый банцайӕд —
Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.
Ноджы ма уӕм, уыдонӕй уӕлдай, уӕд уырнындзинады уарт — хӕйрӕджы судзгӕ фӕттӕ иууылдӕр кӕй фӕрцы ахуыссын кӕндзыстут, уый.
Пехуымпарадмӕ уазал цӕстӕй ма кӕсут.
Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.
Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.
Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»