13 Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.
Йе ’фсымӕртӕ куы цыдысты, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Фӕндагыл-иу быцӕу ма кӕнут».
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут, Йе ’ппӕт цагъартӕ, ӕхсӕвыгӕтты Дунедарӕджы хӕдзары лӕггад чи кӕны, уыдон!
Сымах чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны; Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы.
Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут».
Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы.
Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.
Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕввӕрсон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.
Уӕхи хъарут кӕрӕдзиимӕ ӕмуд уӕвыныл, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут.
Чырыстийы фарн разамынд дӕттӕд уӕ зӕрдӕтӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы фарны сӕраппонд ӕрхуындӕуыд сымах, ӕмӕ систут иу буар. Ӕмӕ уый тыххӕй ут бузныг.
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Фарндӕттӕг Бардарӕг уын кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр фарн дӕттӕд. Бардарӕг уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр!
Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.
Уыцы дыргътӕ сты, фарнимӕ чи тауы, уыцы фидауынгӕнджыты рӕстады мыггагӕй.