Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Фессалоникӕгтӕм 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, зӕрдиагӕй уӕм чи лӕггад кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, Хуыцауы раз чи лӕууы, уыцы хистӕрты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Фессалоникӕгтӕм 5:12
42 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.


Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Ӕндӕртӕ бафыдӕбон кодтой, ӕмӕ сӕ куыстӕй хай ис сымахӕн дӕр».


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн.


Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.


Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта, фыццаджыдӕр, апостолтӕй, дыккаджы — пехуымпартӕй, уый фӕстӕ — ахуыргӕнджытӕй. Уый иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, стӕй низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут.


Сымахау мӕнӕн дӕр удӕнцой ӕрхастой. Ахӕмтӕ уӕм нымады уӕнт!


Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.


Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.


Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын.


Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.


Сымахмӕ мӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.


Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, дзӕгъӕлы кӕй нӕ архайдтон, стӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон, уымӕй.


Бардарӕг Чырыстийы фӕрцы мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ рӕхджы Тимофейы арвитыныл, цӕмӕй ӕз дӕр базонон уӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ барухс уа мӕ зӕрдӕ.


Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.


Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.


Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.


Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.


Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау;


Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.


Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ.


фӕлӕ Йӕ зӕрдӕбавӕрд Фарны Уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы Фарны Уац адӕммӕ хӕссын.


Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ:


Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа.


Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.


Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.


Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.


Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыкомыг цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы:


Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый:


Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.


Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы:


Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.


Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан:


Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ