5 ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут.
Дзулау нӕ куы бафсӕстай цӕссыгӕй, цӕссыгты кӕхц нын бануазын кодтай дзагӕй.
Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.
Ӕппӕт уыдӕттыл муртаттӕгтӕ тыхсынц; сымахӕн та уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц, уый.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый.
Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Нывондхӕссӕнтӕй иуыл фыст уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Уӕдӕ, нӕ Йӕ зонут, афтӕмӕй Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын.
Уыдон сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, ӕмӕ сӕ уымӕн ныууагъта Хуыцау сӕ зӕрдӕты чъизи монцты ӕвджид.
Уымӕн сӕ ныууагъта Хуыцау ӕлгъаг монцты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй.
Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.
Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.
Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.
Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.
Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.
Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.
Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.