Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Фессалоникӕгтӕм 4:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Фессалоникӕгтӕм 4:14
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни, фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн.


О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.


Сӕ асадӕнты сын фосы мыггагӕй цыдӕриддӕр ссарой — бӕхтӕ, хӕргӕфсытӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ — се ’ппӕты дӕр сӕ адӕмы азар баййафдзӕн.


Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.


Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.


цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. Аммен.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.


Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Бардарӕгимӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм Йемӕ.


Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй,


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ