Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Фессалоникӕгтӕм 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Фессалоникӕгтӕм 4:11
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр, цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа, фӕлӕ дзы хъаугъа ма ’нцайа.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Фӕлтау дӕм армыдзаг исты уӕд ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕр, дыууӕ армыдзаджы тыххӕй амал кӕныны ӕмӕ дымгӕйы фӕдыл зилыны бӕсты!


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн, уӕ удӕй арт цӕгъдут.


Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, Фарны Уац уым хъусын кӕныныл, цӕмӕй кӕйдӕр арӕзт бындурыл ма амайон,


нӕ къӕбӕр уӕнгдыхӕй амал кӕнӕм. Ӕлгъитгӕ нӕ чи кӕны, уыдонӕн мах та Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ — мах фӕразӕм.


Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын.


Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.


уыимӕ — паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй дӕр, цӕмӕй ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй кад ӕмӕ радимӕ цӕрӕм.


Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.


Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.


фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты бӕрзонд ӕвӕрд чи у, уыцы сабыр ӕмӕ ӕвӕлмон удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинадӕй.


Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгтӕн тӕрхонгӕнӕг кӕй сси, уый тыххӕй уӕ мачи баййафӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ