4 куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфипол ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыдис иудейаг синагогӕ.
Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийыл Иудейы чи ӕууӕнды, Хуыцауы уыцы аргъуантау — ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейӕгтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.
Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви?
Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд».