18 Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын сайтан ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ.
Ӕцӕгдӕр, Хуыцау иу кӕнӕ иннӕ хуызы фӕзӕгъы, фӕлӕ Йӕ не ’мбарынц.
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.
Гъе, уыдӕтты аххосӕй мын нӕ бантыст, кӕд бирӕ хӕттыты хъавыдтӕн, уӕддӕр нырмӕ сымахмӕ ӕрцӕуын.
Ныр та фыссын мӕхи къухӕй: салам уын Павелӕй.
Сымах мын Фессалоникӕмӕ дӕр мӕ тыхсты заман иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рбарвыстат уе ’ххуысы хай.
Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.
Ӕз, Павел, саламтӕ кӕронӕй мӕхи къухӕй бафыстон — фыстӕг мӕнӕй кӕй у, уый нысанӕн.
уӕддӕр дӕм хуыздӕрыл нымайын ӕрхатын, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзын — ӕз, зӕронд Павел, ныр та Йесо Чырыстийы сӕраппонд — ахст лӕг.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.