17 Мах, ӕфсымӕртӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхицӕн стӕм сымахӕй, ӕмӕ нӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынут, уӕддӕр зӕрдӕйӕ уемӕ стӕм. Зӕрдиагӕй архайдтам уӕ феныныл.
Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»
Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Йосеф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фенон мӕ мӕлӕты размӕ».
Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта».
уӕд паддзах Давид нал хъынцъым кодта Амноны мардыл, йӕ маст ӕрсабыр ис ӕмӕ йӕм Авессаломы бафхӕрыны фӕнд нал уыд.
Уӕд ын Елисей загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ уыди, уыцы лӕг йӕ уӕрдонӕй куы ӕрхызти ӕмӕ дӕ размӕ куы рацыди, уӕд! Ныртӕккӕ ууыл стӕм, ӕмӕ нӕхицӕн бынтӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕвзист ӕмӕ дарӕстӕй, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕндӕттӕй, лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй, цагъайраг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Хъаст дыл чи кӕны, уыимӕ тӕрхондонмӕ фӕндагыл бафидау; науӕд дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ бакӕндзӕн, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый ахӕстоны сбадын кӕндзӕн.
Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын.
Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.
Уыцы рӕтты ныр ӕз мӕ куыст ахицӕн кодтон ӕмӕ, бирӕ азты дӕргъы сымахмӕ цӕуынмӕ кӕй бӕллыдтӕн,
Ӕз уӕм дард дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ, цыма ӕцӕгдӕр уемӕ дӕн, афтӕ бауынаффӕ кодтон, ахӕм хъуыддаг бакӕнӕгӕн цы бачындӕуа, уый тыххӕй:
Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл.
Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.