6 Иудӕйы фырт Зарахы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Йеуел. Се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ нӕуӕдз лӕджы.
Йӕ фӕдыл рацыдис йе ’фсымӕр, йӕ къухыл сырх-сырхид ӕндах, афтӕмӕй. Ном ын радтой Зарах.
Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.
Иудӕйӕн йӕ чындз Тамарӕй райгуырдысты Парец ӕмӕ Зарах. Афтӕмӕй йӕ фырттӕ баисты фондз.
Зарахӕн уыди фондз фырты: Зимри, Етан, Хеман, Калкол, Дара.
Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхтысты йӕ хистӕр зӕнӕг Асайа ӕмӕ йӕ фырттӕ.
Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Саллу. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Мешуллам, Ходави, Сенуа.
Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг.