40 Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.
Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет.
Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.
Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тахреа, Ахаз.