39 Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.
Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.
Миклотӕй райгуырди Шимам. Адон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы.
Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.
Тохы бон куы ралӕууыд, уӕд Саул ӕмӕ Ионатанимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй никӕмӕ разынди нӕдӕр кард, нӕдӕр арц. Ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрмӕст Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатанмӕ уыди.
Иу бон Ионатан, Саулы фырт, йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ, уӕртӕ фалӕрдыгӕй цы филистимаг ӕфсӕддон къорд лӕууы, уымӕ бахъуызӕм». Ӕрмӕст йӕ фыдӕн уый тыххӕй ницы ской кодта.