Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 9:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Левиттӕй иуӕн, Корахы байзӕддаг Шаллумы хистӕр фырт Маттитиайӕн, йӕ бӕрны уыди кувинаг лауаситӕ фыцын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 9:31
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын акодтой, ӕмӕ бахордтой.


Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.


Дуаргӕстӕй ӕрыздӕхтысты: Шаллум, Аккув, Талмон, Ахиман ӕмӕ се ’фсымӕртӕ; Шаллум сын хицау уыд.


Шаллум (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Коре, Евиасаф, Корах) йе ’рвадӕлтимӕ, Корахы байзӕддӕгтимӕ, хъалагъур лӕууыдысты Цатыры къӕсӕрыл, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ.


Дуаргӕстӕ кӕй скодтой, уыдон ӕдӕппӕт уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс. Мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты сӕ хъӕуты. Дуаргӕстӕй сӕ сӕвӕрдтой Давид ӕмӕ зонынджын Самуел.


Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Алгъацы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй, донгонд хыссӕйӕ.


Къуырф тебӕйы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй.


Мӕнӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕгъдау: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ ӕрбахӕссой Дунедарӕджы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ.


Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ